Уынгæг фæндаджы ныхмæ: Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй

Егъау цæрæн пункты цæржытæ цæттæ кæнынц иумæйаг куырдиат, цæмæй æфсæддон городокмæ арзæт цæуæг фæндаг саразой уæрæхæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 окт— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы БАМ-ы микрорайоны цӕрджытӕ рацыдысты Арӕзтады министрады фӕндагарӕзтады нывӕзты ныхмӕ. Адæм цӕттӕ кӕнынц иумӕйаг курдиат фӕндаджы рауӕрӕх кӕныны фӕдыл, проблемӕ аскъуыддзаг кæныны тыххӕй бахатыдысты сӕ депутатмæ дæр.

БАМ-ы микрорайоны афтӕ хуынгӕ ӕфсӕддон городокмӕ Инвестицион нывӕзты фӕлгӕты арӕзт цӕуы бацӕуӕн фӕндаг. 150 метры дӕргъӕн трассӕ егъау цӕрӕн пунктмӕ, цӕрджытӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, у ӕрмӕст ӕхсӕз метры фӕтӕнӕн, уӕрӕхдӕр саразынӕн бынат дæр фаг кӕны. Фæлæ йæ нæ аразынц.

Уынгæг фæндаджы ныхмæ: Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй

"Дыууӕ хӕдтулгӕ дзы сӕрибарӕй нӕ ахиздзӕн кӕрӕдзи фӕрсты. Ам ӕвзӕрдзӕн хӕдтулгӕты радтӕ. Ӕхсӕз метры йӕ фӕтӕн у, метр ӕмӕ ӕрдӕг та фистӕгӕй цӕуджыты бынат, мах хъуыды у, цӕмӕй фӕндаг фӕуӕрӕхдӕр кӕной - иу ӕрдӕг метры йӕм уӕддӕр хъӕуы бафтауын. Стӕй фӕзилӕн дӕр ӕнӕхъуаджы у. Афганистаны ӕфсӕдтонты цыртмæ дӕр бахизӕн нал ис ",- загъта Sputnik районы цӕрӕг Цхуырбаты Аршак.

Микрорайоны аннӕ цӕрӕг Эльбрусы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Афганистаны ӕфсӕдтонты цыртмӕ хӕстӕг сӕ хӕдтулгӕ фӕуромынц цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ.

"Уыдон сӕ транспорт ам фӕндаггӕрон куы бауромой, уӕд бынтон нал уыдзӕн ахизӕн. Ӕмбарӕм, уӕрӕхдӕр асфальт зынаргъдӕр лӕууы, фӕлӕ ахӕм экономи къух нӕ сараздзӕн", - загъта уый.

Арæзтадон куыстытæ ныридæгæн сты сæ тæмæны, фæндагыл ис ахуыр калд, æвæрд цæуынц бордюртæ, уымæй бæрæг сты фидæны фæндаджы кæронхаххтæ.

Уынгæг фæндаджы ныхмæ: Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй

Фæндагарæзтадæй æнæразы адæм ныридӕгӕн цӕттӕ кӕны куырдиат къухфысттимӕ. Сӕ проблемӕйы тыххӕй фӕсидтысты депутатмӕ дӕр.

"Раст домӕнтӕ ис адӕмӕн. Сӕ фӕндаг сын суынгӕг кодтой. Фыццаг уал куырдиат бадӕтдзыстӕм арӕзтады министрадмӕ, кӕд уым хъуыддаг нӕ аскъуыддзаг уа, уӕд уӕлдӕр инстанцитӕм цӕудзыстӕм. Адӕмы домӕн хъуамӕ сӕххӕст кӕной", - загъта Sputnik районы депутат Сланты Иван.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, районы цӕры 400 бинонты бӕрц, ам ма уӕвынад кӕны цыппӕрӕм ӕфсӕддон базӕ дӕр.

Районы цӕрджытӕ сӕ проблемӕйы тыххӕй майрӕмбоны дзуапп нӕ райстой, арӕзтады министрады разамынд бынаты кӕй нӕй, уый аххосагӕй.

Уынгæг фæндаджы ныхмæ: Цхинвалы БАМ-ы цæрджытæ хъаст кæнынц экономон арæзтадæй