ЦХИНВАЛ, 12 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуырийы дӕргъы сарӕзтӕуыд дыууӕ фыдракӕнды, иу дзы рабӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
Уагдоны ма банысан кодтой, къуырийы дӕргъы республикӕйы фӕндӕгтыл кӕй ӕрцыд дыууӕ аварийы. Цауты фӕстиуӕгӕн дыууӕ адӕймаджы бахаудтой рынчындонмӕ алыгъуызон цӕфтимӕ.
Уымӕй дарддӕр ма ӕхсӕнадон уагӕвӕрд фехалыны тыххӕй Цхинвалы мидхъуыддӕгты управленийы кусджытӕ бӕрнмӕ ӕркодтой иу ӕмбӕстаджы.
Ивгъуыд къуыри Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 221 фӕткхӕлды, фондз шофыры ныхмӕ, кӕцытӕ сӕ машинӕтӕ скъӕрдтой расыгӕй, сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ, бафтыдтой МХМ.