Къоста – сæууон стъалы, тæмæнкалгæ хур: ахуыргæнæг ирон генийы тыххæй

Паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты декан Биазырты Алла радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта Къостайы сфæлдыстыды тыххæй
Sputnik
Къоста – сæууон стъалы, тæмæнкалгæ хур: ахуыргæнæг ирон генийы тыххæй

Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл ацы аз 15 октябры æххæст кæны 161 азы. Цы нысаниуæг ис Къостайæн ирон адæмы царды æмæ литературæйы, уый бæлвырдæй зындгонд у. Биазырты Аллайы ныхæстæм гæсгæ, Къоста уымæн у зынаргъ дыууæ фарсы 'рдыгæй дæр – куыд гоймаг æмæ куыд поэт.

"Публицистикæйы фадыджы дæр бирæ бакуыста Къоста, прозæ æмæ драматургимæ абаргæйæ, фæлæ публицистикæ фылдæр хауы журналистикæмæ. Куыд литератор, афтæ мæнæн иууыл ахсджагдæр у йæ поэзи", - загъта Алла.

Биазырты Аллайы хъуыдымæ гæсгæ, алы адæймаджы гоймаг схонæн нæй, уымæн æмæ гоймаг чысыл уæлдæр лæууы.

"Мах иууылдæр адæймæгтæ стæм, фæлæ уыцы адæймæгтæй чи хицæн кæны йæ идеон позицитæм гæсгæйæ, йæ хъуыды, йе 'нкъарæнтæ, йе 'сфæлдыстад, æппæт йæ тох, йæ цардвæндагæй, уый гоймаджы рангмæ æввахсдæр лæууы", - банысан кодта уый.

Журналистикæйы факультеты декан куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ Къостайы цардыл цæст ахæсгæйæ, уый нæ разыны эгоист, фæлæ адæймаг, кæцы тох кодта æргом зæрдæйæ йæ адæмы бартыл.

Лæмбынæгдæр хъусут аудиоæрмæджы.