Кевин Джонсон нал сразы ис Гасситы Мурӕтимӕ тохыл

Америкайагӕн фӕзынд проблемӕтӕ документтимӕ. Джонсон банысан кодта, ома йын нӕ радтой паспорт алиментты фӕдыл хӕсты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Уӕрӕсейаг боксер Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕг америкайаг боксер Кевин Джонсон нал сразы ис тохыл, хъусын кӕны телеканал РЕН ТВ.

Гасситы Мурæт æмæ Джонсоны тох ацæудзæн кæсджытимæ - Кремлев

Америкайагӕн фӕзынд проблемӕтӕ документтимӕ. Джонсон банысан кодта, ома йын нӕ радтой паспорт алиментты фӕдыл хӕсты тыххӕй.

"Фӕстаг дыууӕ боны уый нал рахызт телефонӕй бастдзинадмӕ. Абон райсом уый фӕдзырдта ӕмӕ загъта, кӕй йын ис аххосаг, уымӕн нӕ радтой паспорт алиментты фӕдыл хӕсты тыххӕй. Фӕлӕ Кевин Джонсоныл зындис, кӕй фӕтарст тохӕй", - хъусын кӕны телеканал промоутер Владимир Хрюновы ныхӕстӕ.

Телеканалы информацимӕ гӕсгӕ, Джонсоны бӕсты рингмӕ рахизыныл сразы ис албайнаг боксер Сефер Сефери. 41-аздзыд спортсмен у WBF версимӕ гӕсгӕ интерконтиненталон титулы хицау уӕззау ӕмӕ фыццаг уӕззау уӕзы.