Цæгат Иры сбæрæг кодтой тамакойы егъау партийы контрабандæ

Алыгъуызон маркæ контрафактон тамакойы иумæйаг аргъ уыд 1,4 милуан сомы онг, хъусын кæны арæнгæрон управлени
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны уадзæн пункт "Дæллаг Зæрæмæджы" æрцахстой егъау парти тамако, кæцыйы бафæлвæрдтой аласын Уæрæсемæ.

"Уæрæсейы 57-аздзыд æмбæстаг хъавыд УФ аласын тамако, афтæмæй йæм нæ уыд æмбæлон документтæ", - дзырдæуы Уæрæсейы ӔФС арæнгæрон управленийы пресс-службæйы хъусинаджы.

Контрафактон товары хсæн уыд 30 000 къоппы алыгъуызон маркæйы сигареттæ, уыдон æмбæхст уыдысты уæзласæн хæдтулгæйы кузовы. Тамакойы иумæйаг аргъ уыд 1,4 милуан сомы онг. Хæдтулгæйы шофыры æрцахстой.