Биазырты Алла: Къоста мын тынг зынаргъ у куыд гоймаг æмæ куыд поэт

Паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты декан Биазырты Алла радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстоны Къостайы сфæлдыстады тыххæй
Sputnik

Хуссар Ирыстоны цыппæрæмы нысан кæнынц Хетæгкаты Къостайы 161-æм райгуырæн бон. Бæрæгбоны цытæн республикæйы ацыдысты цытджын мадзæлттæ.

Паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты декан Биазырты Алла радзырдта радио Sputnik Хуссар Ирыстоны Къостайы сфæлдыстады тыххæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн иууыл ахсджиагдæр у Къостайы поэзи.

Журналистикæйы факультеты декан куыд бафиппайдта, уымæ гæсгæ Къостайы цардыл цæст ахæсгæйæ, уый нæ разыны эгоист, фæлæ адæймаг, кæцы тох кодта æргом зæрдæйæ йæ адæмы бартыл.