Къостайы цыртмӕ Цхинвалы сӕвӕрдтой дидинджытӕ

Къостайы цыртмӕ Цхинвалы ӕрбахастой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ, церемонийы хайад райста республикӕйы президент Бибылты Анатолий
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 окт – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгад ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ сӕвӕрдтой дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ Хетӕгкаты Къостайы цыртмӕ республикӕйы столицӕйы центры. 

Хуссар Ирыстоны цыппӕрӕмы нысан кӕнынц фыссӕг, поэт, публицист ӕмӕ ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бон. Ирыстоны номдзыд гойманӕн йӕ 161 райгуырӕн бон коронавирусы апарахаты тасӕй уӕрӕхӕй нысан нӕ цӕуы.

Мадзалы хайад нӕ райстой фыссджыты ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

"Абон стыр бӕрӕгбон у ирон адӕмӕн. Къоста цы рӕсугъд ӕмӕ бӕрзонд ныхӕстӕ дзырдта, уыдон уыдзысты актуалон алы адӕмӕн дӕр. Уый фӕдыл ӕз арфӕ кӕнын, цӕмӕй мах йӕ зындгонд ныхӕстӕм гӕсгӕ райсӕм нӕ къухтӕ ӕмӕ аскъуыддзаг кӕнӕм иумӕ нӕ проблемӕтӕ", - загъта Sputnik Цхинвалы администрацийы культурӕ, фӕсивӕд ӕмӕ спорты фӕдыл хайады хистӕр Тасойты Игорь.

Ноджы ма иу мадзал Къостайы цытӕн ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты – уым нывӕндынц ауадзын литературон изӕр "Къоста – Ирыстоны хур".

Къостайы юбилейон райгуырӕн бон уӕрӕхӕй банысан кодтой ивгъуыд аз. Уӕд бирæнымæц мадзæлтты хсӕн уыд ӕппӕтирон ӕмбырд йӕ райгуырӕн хъӕу Нары,  фæбæрæг сты Къостайы премийы лауреаттæ, рауагътой згъӕрӕхца йӕ хуызистимӕ.