Цӕгат Иры аварийы фӕмард сты дыууӕ адӕймаджы

Трагеди ӕрцыд автотрассӕ Дзӕуджыхъӕу – Алагиры 16 километрыл ӕртыццӕджы ӕхсӕвы, 20.20 сахатмӕ ӕввахс
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны дысон ӕхсӕв ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау, бӕллӕхы фӕстиуӕгӕн фӕмард сты дыууӕ адӕймаджы, хъусын кӕны 15-й Регион.

Трагеди ӕрцыд автотрассӕ Дзӕуджыхъӕу – Алагиры 16 километрыл ӕртыццӕджы 20.20 сахатмӕ ӕввахс.

"Фӕбӕлвырддӕргонд информацимӕ гӕсгӕ, BMW автомашинӕйы щофыр фӕцӕйцыд Алагирӕй Дзӕуджыхъӕуы ӕрдӕм. Уый не сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд йӕ ныхмӕ цӕуӕг хӕдтулгӕ KIA-имӕ", - радзырдтой регионы УУМ пресс-службӕйы.

Аварийы фӕстиуӕгӕн KIA-йы 35-аздзыд шофыр ӕмӕ йӕ 31-аздзыд пассажир фӕмард сты. BMW-йы шофыры та алыгъуызон цӕфтимӕ фӕхӕццӕ кодтой Дзӕуджыхъӕуы клиникон рынчындонмӕ.

Цӕгат Иры аварийы фӕмард сты дыууӕ адӕймаджы