Абхазмӕ ӕрцыдысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ коронавирусӕй рынчынтӕн ӕххуыс кӕнынӕн

Мобилон госпиталь 100 бынатимӕ COVID-19-ӕй пациенттӕн хос кӕнынӕн сӕвӕрдтой Сухумы туристон уазӕгдон "Айтар"-ы территорийыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 окт — Sputnik. Абхазмӕ ӕрцыд Хуссар ӕфсӕддон зылды бирӕпрофилон мобилон госпиталы колоннӕ Ставрополӕй, хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

Амӕй размӕ Абхазы хъахъхъӕнынады министрад бадзырдта уӕрӕсейаг ӕфсӕддон уагдоны сӕргълӕууӕг Сергей Шойгумӕ, цӕмӕй республикӕйы сӕвӕрой быдырон госпиталь коронавирусӕй рынчынты нымӕц зынгӕ кӕй фӕфылдӕр, уый тыххӕй.

Мобилон госпиталь 100 бынатимӕ COVID-19-ӕй пациенттӕн хос кӕнынӕн сӕвӕрдтой Сухумы туристон уазӕгдон "Айтар"-ы территорийыл. Медицинон дӕлхайады сконды сты 113 ӕфсӕддоны ӕмӕ техникӕйы 30 иуӕджы.

Афтӕ ма, республикӕмӕ ӕрцыдысты Сау денджызон флоты ӕфсӕддон корпусы радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады къорды ӕфсӕддонтӕ, цӕмӕй баххуыс кӕной коронавирусы ныхмӕ тохы.

Абхазы коронавирусимӕ уавӕр нырма дӕр у уӕззау. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, коронавирусӕй рынчынты иумӕйаг нымӕц у 2796, уыдонӕй 1187 сӕнӕниз сты, 27 адӕймаджы амардысты.