Гасситы Мурӕтӕн радон хатт раивтой йӕ ныхмӕлӕууӕджы

Фыццаг ирон боксер хъуамӕ стох кодтаид америкӕйаг спортсмен Кевин Джонсонимӕ. Уый фӕстӕ та йын йӕ ныхмӕлӕууӕг рахуыдтой албайнаг Сефер Сеферийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 окт — Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕты ныхмӕлӕууӕджы йӕ дебютон тохы уӕззау уӕзы фӕивтой дыккаг хатт. Йӕ ног оппонент ныр та у албайнаг спортсмен Нури Сефери, фехъусын кодта РИА Новости промоутер ӕмӕ мадзалы организатортӕй иу Владимир Хрюнов.

Кевин Джонсон нал сразы ис Гасситы Мурӕтимӕ тохыл

Гасситы Мурӕты дебют уӕззау уӕзы нысангонд у 31 октябры Сочийы. Фыццаг ирон боксер хъуамӕ стох кодтаид америкӕйаг спортсмен Кевин Джонсонимӕ. Уый фӕстӕ та йын йӕ ныхмӕлӕууӕг рахуыдтой Нури Сеферийы ӕфсымӕр - Сефер Сеферийы.

"Хъыгагӕн, махӕн фехъусын кодтой, Сефер Сеферийы залы кӕй ис коронавирус ӕмӕ Сефер кӕ хъуамӕ бада карантины. Ноджы ма иу аххосаг – уый фӕтарст Гасситы Мурӕтӕй. Ныр та Мурӕты ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн йе фсымӕр Нури", - загъта Хрюнов телефоны.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинӕйаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.