ЦХИНВАЛ, 20 окт – Sputnik. Хуссары æфсæддон зылды 58 иумæйагæфсӕддон æфсады фæдысгарæн иугондӕн Цæгат Ирыстонмӕ ӕрӕрвыстой модернизацигонд бронеавтомобильтæ "Тигр-М", хъусын кӕны зылды пресс-службӕ.
"Ног техникæ фæтыхджындæр кæндзæн фæдысгарджыты гæрзифтонгад, змæлынад æмæ хæстон фадӕттæ", – радзырдтой Хуссары æфсæддон зылды пресс-службæйы.
Бронеавтомобиль "Тигр-М"-æй пайда цæудзæн фæдысгæрсты, фæсдзыд кæныны æмæ колоннæтæ хъахъхъæныны рæстæджы, æфсæдтæм цæстдарды æмæ сын æххуысы хъуыддаджы.
Хæдтулгæйыл ис, нæмыг кæй нæ исы, ахæм цæлхытæ рæмудзæн фæрæзты уæлæмхасæнтимæ, интеграцигонд керамикон згъæр, минæты ныхмæ хъахъхъæнынад, сæрмагонд æвгтæ æмæ фондз видеокамерæйы дæрдтыл фæлгæсынæн.