Деметы Зауыр: ирон кадджытæ нæм фæхæццæ сты музыкалон инструментты руаджы

Ирон музыкалон инструменттæ аразæг Деметы Зауыр радио Sputnik Хуссар Ирыстоны эфиры радзырдта, куыд сахуыр ис фæндыртæ аразын
Sputnik
Деметы Зауыр: ирон кадджытæ нæм фæхæццæ сты музыкалон инструментты руаджы

Ирон националон инструментарий у фолькористикæйы хъæздыг æмæ вазыгджын хай. Деметы Зауыр куыд загъта, уымæ гæсгæ, фæндыры фæрцы ныры онг фæхæццæ сты рагон кадджытæ.

"Хистæр иу кæстæртæн амыдта кадджытæ, кæстæртæ дæр кадджыты хорз миниуджытæ фæзмыдтой æмæ сæ цард кодтой уымæ гæсгæ", - загъта Зауыр.

Зауыры ныхæстæм гæсгæ, æнæмæнг хъæуы рæзгæ фæлтæрæн амонын цæгъдын ирон музыкалон инструменттыл, стæй ма сæ аразын дæр.

Деметы Зауыр сахуыр ис музыкалон инструменттæ аразын Моурауты Сосланы фæрцы.

"Зондджын лæг уыд æмæ ахæм адæймагимæ кæддæриддæр æхсызгон у ныхас кæнын. Уымæ кастæн, куыд сæ аразы, фæлæ никуы хъуыды кодтон æмæ мæхæдæг араздзынæн музыкалон инструменттæ", - банысан кодта лæппу.

Зауыр куыд загъта уымæ гæсгæ, инструменттæ аразын райдыдта, Моурауты Сослан куы фæзиан, уый фæстæ. Мастерæн баззад æрдæгарæзтæй цалдæр инструменты æмæ уый æрæвнæлдта кæронмæ саразын уыцы фæндыртæ.