Хуссар Иры ӕфсӕддонтӕ кӕнынц техникӕ эксплуатацийы зымӕгон режиммӕ

Уӕрӕсейаг базӕйы нывӕндынц бакусын ӕфсӕддон техникӕйы иу мин иуӕгӕй фылдӕрыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕ райдыдтой кӕнын хӕцӕнгарз ӕмӕ ӕфсӕддон техникӕ эксплуатацийы зымӕгон режиммӕ. Мӕйы дӕргъы нывӕндынц бакусын ӕфсӕддон техникӕйы иу мин иуӕгӕй фылдӕрыл ӕфсӕддон горӕтты Цхинвал ӕмӕ Дзауы, хъусын кӕны ӕртыццӕджы УФ Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

Уагдоны банысан кодтой, гъӕдджын куыст ӕмӕ хӕстон хӕдтулгӕты экипажтӕм баххуыс кӕныны фӕдыл дӕлхайӕдты кӕй сарӕзтой къордтӕ сӕрмагонд куыстытӕ ӕххӕст кӕнынӕн.

Афтӕ ма, куыстыты кӕронбӕттӕн этапы ӕфсӕддон базӕйы сӕрмагонд къамис басгардзӕн куыстыты гъӕд.