Хуссар Ир ракуырдта Уӕрӕсейӕ ӕфсӕддон-быдырон госпиталь коронавирусӕй рынчынтӕн

Республикӕйы къухдариуӕгад ракуырдта Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынадон уагдонӕй сӕвӕрын Хуссар Иры территорийыл госпиталь 150 бынат ӕмӕ профилон специалисттимӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 окт - Sputnik. Президент Бибылты Анатолийы уынаффӕйӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрад арвыста фыстӕг Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрадмӕ, цӕмӕй республикӕйы сӕвӕрой ӕфсӕддон-быдырон госпиталь коронавирусӕй рынчынтӕн, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы номыл фыстӕджы Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министр Гассеты Ибрагим банысан кодта, республикӕйы кӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц ӕмӕ ракуырдта, цӕмӕй ӕввахс рӕстӕджы республикӕйы территорийыл сӕвӕрой госпиталь 150 бынатимӕ, афтӕ ма профилон специалисттӕ ӕмӕ ӕмбӕлон медицинон ифтонггарзимӕ", - банысан кодта Гасситы Дина.

Хуссар Иры МХМ исынц мадзӕлттӕ коронавирусы ныхмӕ
Афтӕ ма Хъахъхъӕнынады министрад ракуырдта радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады ӕфсӕдтӕй биолаборатори коронавирусы фӕдыл тесттӕ уадзынӕн, ӕфсӕддон дӕлхайӕдты ӕмӕ социалон объектты дезинфекци ауадзынӕн.

Хуссар Ирыстоны майы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 305 рынчыны, уыдонӕй 215 адӕймагыл низ бахӕцыд Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Дыууы рынчыны амардысты.

Республикӕйы сӕхгӕдтой карантиныл скъолатӕ, ХИПУ ӕмӕ цалдӕр сабидоны, ӕдасдзинады мадзӕлттӕ райстой бюджетон организациты, кӕцыты ис коронавирусӕй рынчынтӕ.