Цӕрджыты фехъуыстой: арӕзтады министрад аивта БАМ-мӕ фӕндагарӕзтады проект

Фӕндаг рауӕрӕх кӕндзысты авд метры онг ӕмӕ йӕ баххӕст кӕндзысты донцӕуӕн канализацийӕ, ахӕм уыдысты цӕрджыты домӕнтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ӕфсӕддон городокы цӕрджыты домӕнтӕ бахынцыдтой арӕзтады министрады БАМ-мӕ бацӕуӕн фӕндӕгарӕзтады рӕстӕджы.

Мӕйы райдайӕны микрорайоны цӕрджытӕ рацыдысты Инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты арӕзтцӕуӕг проекты ныхмӕ.

"Цӕрджыты ӕппӕт домӕнтӕ бахынцыдтой. Куыстыты рӕстӕджы ма уыдзӕн ӕндӕр баххӕстгӕнинӕгтӕ", - загътой арӕзтады министрады пресс-службӕйы.

Цалцӕггӕнӕн куыстытӕ цы фадыгыл цӕуынц, уым фӕндаджы уӕлцъар рауӕрӕх кӕндзысты авд метры онг кафе "Барс"-ы зӕххы фӕрцы.

Цхинвалы БАМ-ы микрорайоны фæндаг аразджытæ бахынцдзысты цæрджыты фæндиæгтæ

"Кафейы бардарӕг Чилӕхсаты Владимир йӕ зӕххы хай радта фӕндаг рауӕрӕх кӕнынӕн. Фӕлӕ йын йӕ ӕмбонд ногӕй сараздзыстӕм", - загъта арӕзтады къухдариуӕггӕнӕг Плиты Хох.

Районы депутат Сланты Иваны ныхӕстӕм гӕсгӕ, цӕрджытӕ райгонд сты ног рацарӕзтгонд проектӕй.

"Мах цӕттӕ уыдыстӕм тох кӕнын адӕмы бартыл, фӕлӕ нын арӕзтады министрады нӕ къух сарӕзтой президенты ӕмархайдӕй", - загъта депутат.

Цӕрджыты фехъуыстой: арӕзтады министрад аивта БАМ-мӕ фӕндагарӕзтады проект