Ирыстойнаг дзюдоист ссис "Большой Шлем"-ы уӕлахидзау Венгрийы

Тасойты Инал ссис иууыл хуыздӕр 100 килограммы уӕзы категорийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Ирыстойнаг спортсмен Тасойты Инал рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕхсӕнадӕмон турниры дзюдойӕ Будапешты, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Турнир уагъд цыд Венгрийы 23-ӕй 25-ӕм октябрьмӕ. Тасойты Инал ссис иууыл хуыздӕр 100 килограммы уӕзы категорийы.

Ирыстойнаг дзюдоист ссис "Большой Шлем"-ы уӕлахидзау Венгрийы
"Дунеон сери"-йы ӕртӕ турниры уӕлахиздзау Тасойты Инал финалмӕ фӕндагыл рамбылдта босниаг Харун Садиковичы, гуырдзиаг Гела Заалишвилийы. Ӕрдӕг финалы уый фидарӕй рамбылдта Ора Сассоны Израилӕй, финалон тохы та фӕуӕлахиз уӕрӕсейаг Тамерлан Башаевыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Тасойты Инал у Европӕйы чемпион 2019 азы ӕмӕ Европейаг хъӕзтыты уӕлахиздзау 2019 азы, афтӕ ма 2018 азы дунейы чемпионаты бронзӕйон призер.