Дзæуджыхъæумæ ӕрцӕудзæн ретро-поезд "Уæлахиз"

Цæугæ музей баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы бонимæ, Цæгат Ирыстонмæ уый ӕрхӕццӕ уыдзæн 11-æм ноябры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 окт – Sputnik. Дзæуджыхъæумæ ссæудзæн ретро-поезд "Уæлахиз". Уый тыххӕй ныхас цыд Цӕгат Ирыстоны хицауады æмбырды, хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Цæугæ музей баст у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы бонимæ, Цæгат Ирыстонмæ уый ӕрхӕццӕ уыдзæн 11-æм ноябры.

"Дыууæ боны республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн фадат уыдзæн хæстон азты рæстæгмæ аздæхынæн. Тематикон поезды маршрут арæзт у дыууæ хайæ. Фыццаг æрзилдзæн фронты фæндагы æмæ бабæрæг кæндзæн, хъæбатыры æмæ хæстон намысы ном чи хæссы, æппæт уыцы 13 горæты. Уый фæстæ та абалц кæндзæн Транссыбыраг фæндагыл Владивостокы онг", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Поезд æрлæудзæн стыр горæтты æмæ чысыл хъæуты. Вице-премьер Азымты Иринæ хицауады уӕнгты ‘ргом аздæхта, фæлхасадмæ цæстдарды Управленийы амынддзинæдтæ æххæст кæнын куыд ахсджиаг у, уымæ. "Уæлахизы поезд" бæрæг кæнгæйæ дæр æнæмæнг хъæуы æппæт санитарон домæнтæ æххæст кæнын.