Хуссар Иры ноджы иу адӕймаг амард коронавирусӕй

Нӕлгоймаг амард инфекцион рынчындоны, цыд ыл 65 азы, фехъусын кодтой "Югосетпотребнадзор"-ы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 окт - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ноджы иу адӕймаг амард коронавирусӕй, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Раздӕр COVID-19 ахаста дыууӕ адӕймаджы – 83-аздзыд нӕлгоймаг ӕмӕ 88-аздзыд сылгоймаджы цард. Ноджы ма иу 47-аздзыд нӕлгоймаг та ивгъуыд къуыри амард пневмонийӕ. Коронавирус сбӕрӕг кӕныны тест уымӕн равдыста ӕппӕрццаг фӕстиуӕг.

"Ноджы ма иу пациент коронавирусимӕ амард рынчындоны, нӕлгоймагыл цыд 65 азы", - загъта Коцты Марина.

 Цхинвалы дыццӕджы йӕ куыст срӕвдз кӕндзӕн УФ хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь. Уый ӕрбынат кӕндзӕн горӕты стадионы ӕмӕ нымад уыдзӕн 150 рынчыныл.