Ленинграды областы сцалцӕг кӕндзысты ирон командӕгӕнӕджы мемориал

Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ, дӕлбулкъон Дзаттиаты Дмитрий, амард 35-аздзыдӕй Приозерон зӕххыл 1944 азы июлы Вуоксинаг операцийы рӕстӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Ленинграды областы сцалцӕг кӕндзысты Сырх Ӕфсады командӕгӕнӕг Дзаттиаты Дмитрийы мысӕн бынат, хъусын кӕны госзакупкаты портал.

Реставраци кӕмӕ ӕмбӕлы, уыцы хыгъды ис ӕфсӕддон историйы 12 цырты, сӕ нымӕцы - Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ, дӕлбулкъон Дзаттиаты Дмитрийы цырт, кӕцы амард 35-аздзыдӕй Приозерон зӕххыл 1944 азы июлы Вуоксинаг операцийы рӕстӕджы.

Ленинграды областы сцалцӕг кӕндзысты ирон командӕгӕнӕджы мемориал
"Цырты цур ис мысӕн бынат, цы ран 1944 азы июлы амард 142-ӕм ӕхсыны дивизийы дӕлхайады хистӕр – Дзаттиаты Дмитрий, кӕцыйы ном сӕвӕрдтой бынӕттон совхозыл. Дзаттиаты Дмитрийы мӕлӕты бынаты ныссагътой фӕткъуы бӕлас, йӕ алыварс та сӕвӕрдтой згъӕрӕй ӕмбонд, кӕцыйыл ис мысӕн фӕйнӕг", - дзырдӕуы документацийы.

Дзаттиаты Дмитрий райгуырд 1909 азы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы. Стыр Фыдыбӕстон хӕсты райдайӕны уыйы сӕвӕрдтой ӕхсыны батальоны комиссарӕй.

Хъӕбатырдзинады тыххӕй Дзаттиаты Дмитрийы схорзӕхджын кодтой майдантӕй За оборону Москвы", "За оборону Ленинграда", Сырх Тырысайы дыууӕ орденӕй, Стыр Фыдыбӕстон хӕсты фыццаг къӕпхӕны орденӕй ӕмӕ Сырх Стъалыйы орденӕй.