Югосетпотребнадзор фехъусын кодта коронавирусы фӕдыл 132 тесты фӕстиуджытӕ

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 623 рынчыны, Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ та 533 адӕймаджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 окт - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 64 ног рынчыны, фехъусын кодта дыццӕджы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Хуссар Иры ноджы иу адӕймаг амард коронавирусӕй

Фӕстаг ӕртӕ къуырийы республикӕйы зынгӕ фӕфылдӕр коронавирусӕй рынчынты нымӕц. COVID-19-ӕй рынчынтӕн хос кӕнынӕн бацӕттӕ кодтой сывӕллӕтты рынчындон Цхинвалы. Афтӕ ма, республикӕйы сӕвӕрдзысты УФ Хъахъхъӕнынады министрады мобилон госпиталь, кӕцы цӕттӕ у райсын 150 рынчыны.

"Сарӕзтам 132 басгӕрсты, уыдонӕй 64 адӕймагӕн сбӕрӕг кодтам коронавирус", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстм гӕсгӕ, сентябры ӕмбисӕй республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 533 рынчыны, уыдонӕй 31 сӕнӕниз сты.

"Ноджы ма фылдӕр адӕм сӕнӕниз сты, хъӕуы ма сын ӕрмӕст дыккаг хатт саразын тесттӕ. Уымӕй дарддӕр, хыгъдӕй систой 72 адӕймаджы, кӕцытӕ контакт кодтой рынчынтимӕ ӕмӕ уыдысты хисӕрмагонд изоляцийы", - бафтыдта сӕйраг санитарон дохтыр.

Амӕй размӕ республикӕйы бакодтой маскӕты режим ӕхсӕнадон бынӕтты.