Хуссар Иры фӕстаг суткӕйы рабӕрӕг коронавирусӕй 47 ног рынчыны

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 670 адӕймаджы, уыдонӕй 580 – 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 окт - Sputnik. Ивгъуыд суткӕйы "Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы цы 133 тесты сарӕзтой, уыдонӕй 47 равдыстой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йедзаг рынчындон æмæ хосты цухдзинад: куыд цæры Къуаиса пандемийы рæстæджы

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, республикон бирӕпрофилон медцентры инфекцион хайад ӕмӕ коронавирусӕй рынчынтӕн хос кӕнынмӕ ракӕнгӕ сывӕллӕтты рынчындоны ныртӕккӕ ис 164 пациенты коронавирус ӕмӕ вирусон пневмониимӕ.

Уымӕй дарддӕр ма медиктӕ систой хыгъдӕй 31 пациенты, кӕцытӕ уыдысты рынчын ӕмӕ сын ныр фӕстаг дыууӕ тесты равдыстой ӕппӕрццаг фӕстиуӕг.

Ноджы ма 71 адӕймаджы та, кӕцытӕ уыдысты контакты рынчынтимӕ, сты дохтырты хъусдарды бын хиизоляцийы.

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 670 адӕймаджы, уыдонӕй 580 – 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. COVID-19-ы амӕттаг баисты ӕртӕ адӕймаджы, дыууӕйӕ та амардысты пневмонийӕ.