Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй амард ноджы иу адӕймаг

Вирусон пневмонийӕ республикӕйы амардысты ӕхсӕз адӕймаджы – уыдонӕй алкӕмӕн коронавирус нӕ рабӕрӕг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik. Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй амард ноджы иу нӕлгоймаг, фехъусын кодтой Sputnik  республикон бирӕпрофилон медцентры.

Хуссар Иры фӕстаг суткӕйы рабӕрӕг коронавирусӕй 47 ног рынчыны

Знон ма фехъусын кодтой ноджы дыууӕ адӕймаджы фӕзианы тыххӕй – уыдон уыдысты 65-аздзыд нӕлгоймаг ӕмӕ 81-аздзыд сылгоймаг.

"Коронавирусӕй амард 52-аздзыд нӕлгоймаг. Иннӕ амӕттӕгтау уымӕн дӕр сытынг ис пневмони ӕмӕ йӕ организм не сфӕрӕзта", - загъта агентады ныхасӕмбал.

Республикӕмӕ дысон изӕр ӕрхӕццӕ сты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон медиктӕ. Цхинвалы уыдон бакӕндзысты быдырон госпиталь, кӕцыйы бон уыдзӕн райсын коронавирусӕй 150 рынчыны.