Стабилон уавӕр: куыд кусы Знауыры рынчындон пандемийы рӕстӕджы

Дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, медикты хъусдарды бын хӕдзӕртты хос кӕнынц коронавирусӕй фондз рынчыны
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 27 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы коронавирусы инфекцийы апарахаты уавӕр у стабилон. Фондз рынчыны хос кӕнынц хӕдзӕртты дохтырты хъусдарды бын, фехъусын кодта Sputnik районы рынчындоны сӕйраг дохтыры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цхуырбаты Элла.

Хуссар Иры фӕстаг суткӕйы рабӕрӕг коронавирусӕй 47 ног рынчыны

Республикӕйы фӕстаг бонты карздӕр кӕны коронавирусы апарахаты фӕдыл уавӕр. Хуссар Ирыстоны медиктӕн ӕххуысмӕ дыццӕджы 'рцыд Уӕрӕсейы ӕфсӕддон-быдырон госпиталь.

"Фондз адӕймаджы, кӕцытӕн сбӕлвырд кодтой коронавирус, хос кӕнынц хӕдзӕртты дохтырты хъусдарды бын. Уыдон хорз хӕссынц низ", - загъта дохтыр

Уый ма банысан кодта, уӕззау рынчынтӕн, кӕцытӕн компьютерон томографы басгӕрсты фӕстиуӕгӕн рабӕрӕг кӕнынц пневмони, ӕрвыст цӕуынц Цхинвалы республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайадмӕ.

"Бӕстон ӕркаст кӕмӕ хъӕуы, уыдон ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады барамындмӕ гӕсгӕ ӕрвыст цӕуынц Цхинвалмӕ", - банысан кодта Цхуырбаты Элла.

Уымӕ иумӕ ма медик бафтыдта, коронавирусӕй рынчынтимӕ чи архайы, уыцы медперсонал ифтонг сты хъахъхъӕнӕн костюмтӕй.