Хуссар Иры ӕмбырд кӕнынц ӕхца туаггуыры цех балхӕнынӕн

Туаггуыры рауагъдады станц Хуссар Иры йӕ куыст ӕрурӕдта 2008 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ медицинӕйы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕг ласт цыд фӕсарӕнтӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны расидтысты акции медицинон туаггуыры рауагъдады цех самал кӕныны фӕдыл фӕрӕзтӕ ӕмбырд кӕнынӕн. Республикӕйы хӕрдзтыл цы станц аххӕсса, уымӕн йӕ аргъ лӕууы дӕс милуан соммӕ ӕввахс, фехъусын кодта Sputnik акци расидӕг, ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий.

Хуссар Иры медицинон уагдон мæйы кæронмæ сифтонг кӕндзысты туаггуырӕй

Туаггуыры рауагъдады станц Хуссар Иры йӕ куыст ӕрурӕдта 2008 азы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ медицинӕйы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕг ласт цыд фӕсарӕнтӕй. Коронавирусы апарахаты дуджы туаггуыр ссис ӕнӕмӕнгхъӕуӕг, проблемӕ карз кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн арӕны сӕртыл уӕзтӕ ласыны зындзинӕдтӕ.

"Тӕссаг у, зымӕджы Транскам куы ӕрӕхгӕна ӕмӕ куы аззайӕм COVID-19-имӕ иунӕгӕй. Уый тыххӕй срӕвдз кодтам ӕхцайы фӕрӕзты ӕмбырд. Цыппӕрӕмы райдыдтам акци, адӕм дзурынц, фӕнды сӕ баххуыс кӕнын. Иу адӕймагӕн уый бӕрц фӕрӕзтӕ самал кӕнын зын у, фӕлӕ иууыл иумӕ ӕнцондӕр уыдзӕн хъуыддаг аскъуыдзаг кӕнын", - загъта уый.

Бететы Юрийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы проблемæ алыг кæныныл архайдта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад дӕр 2020 азы майы, фӕлӕ фӕрӕзты цухдзинад фӕкъуыхцы кодтой хъуыддаг.

"Ныридӕгӕн республикӕйы суткæйы хъӕуы 60 баллоны туаггуыр. Мах нӕ цӕст цы цехыл ӕрӕвӕрдам, уый дӕтты 90. Дырыс аргъ нырма нӕ зонӕм, фӕлӕ 10 милуанӕй къаддӕр нӕ уыдзӕн. Цех комкоммӕ ифтонг кӕндзӕн сывӕллӕты рынчындон туаггуырӕй", - бафтыдта уый.

Ныридӕгӕн туаггуыр ласт цӕуы Хъӕрӕсе-Черкесы республикӕйӕ. Бететы Юрий ныхӕстӕм гӕсгӕ, цехы куыст сцайдагъ кӕнынӕн хъӕуы ӕртӕ мӕйы бӕрц. 

Уый ма фехьусын кодта хыгъд (Сбербанк 4276600052481658), кӕцымӕ хъӕуы рвитын фæрæзтæ, ӕххуысгӕнджыты номхыгъд сӕхи разыдзинадӕй цӕудзӕн мыхуыр.