Цæгат Иры æрымысыдысты 1992 азы фæззæджы трагикон цауты амæттæгты

Республикæйы разамынд æрæвæрдта дидинджытæ, мадзалы архайджытæ фæмард уæвджыты номыл иу минуты бæрц алæууыдысты æмырæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 окт — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны Майрæмбоны республикæйы хъахъхъæнджыты æфсымæрон ингæны раз Камбилеевкæйы хъæуы æмæ Дзæуджыхъæуы Кады Аллейы ахицæн сты 1992 азы фæззæджы трагикон цауты 28 азы номыл конд мадзæлттæ. Уый тыххæй хъусын кæны 15 регион.

Саударæн мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав, республикæйы парламенты сæрдар Алексей Мачнев, премьер-министр Тускъаты Таймураз, паддзахадон хицауады органты минæвæрттæ.

Республикæйы разамынд æрæвæрдта дидинджытæ, мадзалы архайджытæ фæмард уæвджыты номыл иу минуты бæрц алæууыдысты æмырæй.

1992 азы фæззæджы цаутæ нымад сты Цæгат Ирыстоны историйы иууыл трагикондæрыл.