Дзӕуджыхъӕуы коронавирусӕй амард ноджы иу дохтыр

Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министр ма иу хатт ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй хъахъхъӕной сӕхи ӕмӕ ӕххӕст кӕной "Роспотребнадзор"-ы домӕнтӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 ноя — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы амард дохтыр-уролог Тыбылты Анатолий, кӕцыйыл бахӕцыд коронавирус. Уый тыхӕй хъусын кӕны ПТРК "Алания".

Хъусинаджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Цӕгат Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министр Годжысаты Тамерлан мӕсӕлӕй загъта зианджын бинонтӕн ӕмӕ банысан кодта дохтыры лӕггӕдтӕ адӕмы раз.

"Анатолий Ильяйы фырт уыд нӕ хуыздӕр дохтыртӕй иу. Бирӕ ӕзты уый  фӕкуыста цӕсгомджынӕй", - загъта министр.

Годжысаты Тамерлан ма иу хатт ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй хъахъхъӕной сӕхи, ӕххӕст кӕной "Роспотребнадзор"-ы домӕнтӕ ӕмӕ пайда кӕной индивидуалон хъахъхъӕнӕн ӕрмӕджытӕй.