Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ бавнӕлдтой скъолаты дезинфекцимӕ Цхинвалы

Дезинфекцион мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц цалдӕр боны дӕргъы. Уӕрӕсейаг мобилон госпиталы ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой столицӕйы цалдӕр уынджы, афтӕ ма социалон-экономикон инфраструктурӕйы объекттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 2 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Цхинвалы уӕрӕсейаг мобилон госпиталы радиацион, химикон ӕмӕ биологон хъахъхъӕнынады дӕлхайады ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой дыккӕгӕм ӕмӕ фӕндзӕм скъолатӕ, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны ахуырады министрады.

Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 137 ног рынчыны

Дезинфекци уагъд цӕуы скъолаты кӕртыты, афтӕ ма кълӕссты дӕр.

Уымӕй дарддӕр ма нывӕндынц сдезинфекци кӕнын Хуссар Ирыстоны ӕппӕт скъолатӕ, афтӕ ма сабидӕттӕ дӕр.

Амӕйразмӕ, сабаты, уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ сдезинфекци кодтой Цхинвалы рог сӕудӕджерады иууыл егъаудӕр куыстуат – фарикӕ БТК-4, бон раздӕр та столицӕйы цалдӕр уынджы ӕмӕ базарадон объекттӕ, афтӕ ма Дзауы районон рынчындон дӕр.

Хуссарирыстойнаг медиктӕм ӕххуысмӕ ӕрцыдысты УФ Хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон дохтыртӕ. Ӕфсӕддон-быдырон госпиталь сӕвӕрдтой горӕты стадионы территорийыл, уый райдыдта исын пациентты.