Цхинвалы центры фӕзындзӕн ног арт-объект

Столицӕйы корпустӕй иуы сисыл бынӕттон ӕвзонг нывгӕнджытӕ сныв кӕндзысты дунейы зындгонд актерты хуызисттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 4 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕдзӕрттӕй иуы сис сфӕлынддзӕн дыууӕ актеры фӕлгонцтӕ. Фильм "Леон"-ы хъайтартӕ Жан Рено ӕмӕ Натали Портман Сталины уынджы къулӕй цӕуджытӕн ӕнхъардзысты кофе, фехъусын кодта Sputnik кофейняйы бардарӕг Козаты Рая.

Нырма уал  Сталины уынджы 127 хӕдзары сисыл ныридӕгнӕн фӕзынд ӕрмӕст фидӕны нивы кӕронхаххтӕ. Арт-объектыл кусынц ӕвзонг нывгӕнджытӕ Джиоты Аннӕ ӕмӕ Сиукъаты Заринӕ.

Цхинвалы центры фӕзындзӕн ног арт-объект

"Рагӕй нӕ фӕндыд сфӕлындын ссис, фӕлӕ сӕрды уӕддӕр хъӕлдзӕгӕйдӕр цӕуы цард. Ныр та фӕззыгон рӕстӕг ӕрхӕндӕг хӕссы ӕмӕ нӕ бафӕндыд ирд ахорӕнтӕ ӕмӕ хъӕлдзӕг зӕрдӕйы уаг бахӕссын цардмӕ", - радзырдта чызг.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сисыл уыдзӕн фильм "Леон"-ы актеры ныв.

"Ӕрмӕст кинонывы кадртӕй ис чысыл хицӕндзинӕд - нӕ хъайтарты къухы махӕн уыдзӕн кофейы авг дидинӕджы бӕсты нӕ куысты хахх хынцгӕйӕ", - бафтыдта уый.

Сталины 127 хӕдзар ӕвӕрд ис столицӕйы тӕккӕ центры, хӕрз ӕввахс йӕм исы хицауады бӕстыхай, уазӕгдон "Ирыстон" ӕмӕ ӕндӕр административон бӕстыхӕйттӕ.

Цхинвалы центры фӕзындзӕн ног арт-объект