Ирыстойнаг дзюдоист Басаты Хетӕг ссис Европӕйы чемпион

Европӕйы чемпионат дзюдойӕ фӕсивӕды хсӕн райдыдта Хорватийы 4 ноябры. Бӕрзонд хорзӕхтыл тох кӕнынц 350 спортсмены Европӕйы 37 бӕстӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Уӕрӕсейы фӕсивӕды хсӕн фыццагады ӕмӕ Европӕйы Кубокы уӕлахиздзау 2019 азы, ирон дзюдоист Басаты Хетӕг рамбылддта сыгъзӕрин майдан Европӕйы чемпионаты фӕсивӕды хсӕн, хъусын кӕны Уӕрӕсейы дзюдойы федераци.

Турниры Басаты Хетӕг архайдта 60 килограммы уӕзы категорийы.

Ирыстойнаг дзюдоист ссис "Большой Шлем"-ы уӕлахидзау Венгрийы

Финалмӕ фӕндагыл ирон спортсмен рамбылдта Шатиришвилийы Гуырдзыстонӕй, афтӕ ма 2019 азы Европӕйы чемпион фӕсивӕды хсӕн Байрамовы, уый фӕстӕ Басаты Хетӕг фӕуӕлахиз французаг Супервилыл.

Ӕрдӕгфиналы Хетӕг фембӕлд йӕ командӕйы уӕнгимӕ – Европӕйы чемпионаты бронзӕйон майданы хицау, 18 азы кары онг Европӕйы чемпионаты ӕвзист призер Абу-Муслим Парчиевимӕ, кӕцыйыл ирон спортсмен фӕуӕлахиз.

Финалон тохы ирон дзюдоист рамбылдта 2018 азы фӕсивӕдон хъӕзтыты ӕмӕ кадетты хсӕн Европӕйы фыццагады призер, украинаг Вередыбойы.

Европӕйы чемпионат дзюдойӕ фӕсивӕды хсӕн райдыдта Хорватийы 4 ноябры. Бӕрзонд хорзӕхтыл тох кӕнынц 350 спортсмены Европӕйы 37 бӕстӕйӕ.