Хуссар Иры ивгъуыд суткӕйы коронавирус бахӕцыд 68 адӕймагыл

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчын сты 1219 адӕймаджы, уыдонӕй 1119 – Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 68 ног рынчыны, фараст адӕймаджы та сӕнӕниз сты ӕмӕ сӕ рафыстой рынчындонӕй, фехъусын кодта республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Республикӕйы ӕдӕппӕт сарӕзтой 8200 басгӕрсты, уыдонӕй 183 – ивгъуыд суткӕйы.

"Сбӕрӕг кодтам коронавирусӕй 68 ног рынчыны. Медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 236 рынчыны, уыдонӕй дыууӕсӕдӕ сты горӕты стационарты, аннӕтӕ та районты", - загъта Коцты Марина.

Уый банысан кодта, рынчындонӕй кӕй рафыстой фараст адӕймаджы, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц та у 92. 1027 адӕймаджы нырма дӕр сты медицинон хыгъды.

Ӕнӕмӕнг амӕлдзӕн ӕмӕ медиктӕй хуыздӕр адӕм нӕй: куыд тох кодта Гӕззаты Антон COVID-19-имӕ

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1119 рынчыны, 14 адӕймаджы амардысты.