ЦХИНВАЛ, 5 ноя - Sputnik. Республикӕйы министрты кабинет ӕмӕ хицауады аппараты рахизтысты куысты дистанцион-электронон режиммӕ.
Хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй, документтӕ исдзысты электронон постӕй (doc@alania-gov.su), цӕмӕй фӕкъаддӕр кӕной сӕрмагонд контактты нымӕц.
"Алыгъуызон фарстытӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн гӕнӕн ис спайда кӕнын телефонон фыстӕгӕй дӕр", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Хицауады аппараты контактон бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ коронавирусы фӕдыл комкоммӕ линийы тыххӕй информаци гӕнӕн ис базонын министрты кабинеты официалон сайтыл.
Афтӕ ма хицауады фехъусын кодтой, кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕныны мадзӕлттӕ, кӕцытӕ срекомендаци кодтой оперативон штабы.
Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантин сисыны фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1119 рынчыны, 14 адӕймаджы амардысты.