ЦХИНВАЛ, 6 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны сӕнусон кодтой ивгъуыд ӕнусы Иры интеллигенцийы минӕвӕрттӕй репрессигонд чи рцыд,уыдон рухс нӕмттӕ. Хӕдахуыр нывгӕнӕг Джиоты Къоста Ирӕтты уынджы хӕдзӕрттӕй иуы сисыл ныффыста Сталины дуджы репрессигонд чи рцыд, ахӕм зындгонд гоймӕгты нӕмттӕ, сӕ быны та лулӕ.
"Цхинвалы ма ӕрмӕст Ирӕтты уынгыл бахъахъхъӕдтой се 'ддаг хуыз хӕдзӕрттӕ. Ам цард бирӕ номдзыд адӕм, кӕцыты цард ӕмӕ хъысмӕт ныббырон кодта Ирыстоны уарзон "лулӕйӕн" сырх терроры дуджы", - ныффыста йӕ фарсыл социалон хызӕджы Джиоты Къоста.
Нывгӕнӕджы ӕххуысгӕнӕг Хаситы Михаилы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Джиоты Къоста сӕнусон кодта Сталины лагерьтӕм чи бахауд, науӕд та 37 азы кӕй ныццагътой, уыцы адӕмы.
Арт-объектыл ис 25 номы бӕрц, сӕ нымӕцы фысджытӕ, революционертӕ.