ФТЦ алвӕндагыл: Цхинвалы рог хӕдтулгӕ нӕ радта фӕндаг тагъд ӕххуысы хӕдтулгӕйӕн

Хуссар Ирыстоны столицӕйы, кӕцы къуырисӕры баззад ӕнӕ рухсӕй, ӕнӕкугӕ светофортӕ ссисты ФТЦ-йы аххосаг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы ВАЗ-21099 маркӕйы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд тагъд ӕххуысы хӕдтулгӕйыл. Фӕндагон-транспортон цау (ФТЦ) ӕрцыд Путины ӕмӕ 8-ӕм июны уынджы алвӕндагыл.

ФТЦ алвӕндагыл: Цхинвалы рог хӕдтулгӕ нӕ радта фӕндаг тагъд ӕххуысы хӕдтулгӕйӕн

Къуырисӕры Хуссар Ирыстон баззад ӕнӕ рухсӕй, уый фӕдыл аварийы бынаты нӕ куыстой светофортӕ. Афтӕмӕй фӕндагон змӕлдмӕ сӕ хъус дардтой Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ.

Аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.