Хуссар Ир баззад ӕнӕ рухсӕй

Хуссар Ирыстоны электроэнерги къуырисӕры бонӕй ахицӕн кодтой электрохызӕгтыл цалцӕггӕнӕн-профилактикон куыстыты тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ къуырисӕры райсомӕй баззадысты ӕнӕ рухсӕй "Цӕгаттаг портал-Дзау" дӕлстанцыл цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй.

Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс-Хуссар ирыстоны" генералон директор Гӕбӕраты Алан куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй электроэнерги ратдзысты 17.00 сахатыл.

"Рухс ахицӕн кодтой "Цӕгаттаг портал-Дзау" дӕлстанцыл цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй. Республикӕйы электроэнерги нӕ уыдзӕн къуырисӕры 9.00 сахатӕй 17.00 сахатмӕ", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги цӕуы Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ыл.