ЦХИНВАЛ, 9 ноя - Sputnik. Ивгъуыд къуыри Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой фӕӕдагон змӕлды 112 фехӕлды, уый та йӕ размӕйы къуыримӕ абаргӕйӕ у 40 къаддӕр, хъусын кӕӕы республикӕйы УУМ пресс-службӕ.
Фӕкъаддӕр сты нозтджын шофыртӕ дӕр – 2-8 ноябры ӕрмӕст цыппар адӕймаджы ӕрурӕдтой машинӕ расыгӕй скъӕрыны тыххӕй (26 октябрӕй 2 ноябрьмӕ та – ӕхсӕз).
Ӕдӕппӕт къуырийы дӕргъы республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд дыууӕ ФТЦ, бахъыгдард и сиу адӕймаг.
МХМ ма бафтыдтой, ивгъуыд къуыри кӕй ӕрцыд иу фыдракӕнд, уый рабӕрӕг кодтой мидхъуыддӕгты органты кусджытӕ.
"Знауыры районы хайадмӕ 6 ноябры бацыд поселочы цӕрӕг ӕмӕ фехъусын кодта, дуканийӕ йын ӕбӕрӕг гоймаг кӕй адавта йӕ телефон "iPhone 6S". Оперативон кусджытӕ рабӕрӕг кодтой, фыдгӕнӕг кӕй уыд Цхинвалы районы Къостайы хъӕуы 31-аздзыд цӕрӕг", - фехъусын кодтой уагдоны.
Районы барадхъахъхъӕнӕг органтӕ кусынц фыдгӕнӕджы ссарыныл.