Уӕрӕсейаг медиктӕ дӕс бонмӕ Хуссар Иры басгӕрстой 500 пациентмӕ ӕввахс

Абон бон ковид-госпиталы медицинон специалистты хъусдарды бын сты 70 адӕймагӕй фылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 ноя — Sputnik. Цхинвалы мобилон бирӕпрофилон госпиталы ӕфсӕддон медиктӕ басгӕрстой республикӕйы 500-мӕ ӕввахс ӕмбӕстаджы. Ӕмбӕстӕгтӕ иууылдӕр рацыдысты ӕнӕмӕнг басгӕрст ӕмӕ радтой анализ. Уый тыххӕй хъусын кӕны Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрад.

"Югосетпотребнадзор" фехъусын кодта 200-йӕ фылдӕр тесты фӕстиуджытӕ

"Мобилон госпиталь кусын куы райдыдта, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕфсӕддон медиктӕ райстой республикӕйы 500-мӕ ӕввахс ӕмбӕстаджы. Ӕмбӕстӕгтӕ иууылдӕр рацыдысты ӕнӕмӕнг басгӕрст ӕмӕ радтой анализ. Ӕдӕппӕт сарӕзтой 530 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл", - радзырдта госпиталы хистӕр, медицинон службӕйы дӕлбулкъон Расул Муртазалиев.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ медицинон хъусдарды бын сты 70 адӕймагӕй фылдӕр.

Уӕрӕсейаг ӕфсӕддон медиктӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ республикӕйы Хъахъхъӕнынады министрад президент Бибылты Анатолийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ уӕрӕсейаг хъахъхъӕнынадон уагонмӕ куы бахатыд, уый фӕстӕ. Дыккаг бон президент Владимир Путины скъуыддзагмӕ гӕсгӕ УФ хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу бахӕс кодта арвитын мобилон госпиталь Хуссар Ирыстонмӕ.