Хуссар Иры компарти хорзыл банымайдзӕн ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны парламенты фыццаг вице-спикер фехъусын кодта, закондӕттӕг органы сесси, кӕцыйыл хъуамӕ ӕркӕсой бюджетмӕ ивындзинӕдтӕм, гӕнӕн ис ацӕуа ацы къуыри
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 ноя – Sputnik, Козаты Диана. Коммунистон партийы фракци Хуссар Ирыстоны парламенты хайад райсдзӕн закондӕттӕг органы сессийыл, загъта Sputnik депутат коммунистӕй Уырыгаты Инал.

Хуссар Иры компарти хорзыл банымайдзӕн ивындзинӕдтӕ бюджетмӕ

Амӕйразмӕ хицауад рахицӕн кодта коронавирусы ныхмӕ тохӕн 62 милуан сомы. Цӕмӕй сӕ спайда кӕной, уый тыххӕй парламент хъуамӕ сфидар кӕна ивындзинӕдтӕ республикон бюджетмӕ.

"Мах ӕрбацӕудзыстӕм сессимӕ. Нӕ фракци ӕрдзырдта ацы фарстыл, ӕмӕ мах аскъуыддзаг кодтам схъӕлӕс кӕнын бюджетмӕ ивындзинӕдтыл", - загъта Уырыгаты Инал.

Знон Sputnik пресс-центры ацыд пресс-конференци "Иугонд Ирыстон" партийы депутатты хайадистӕй, кӕцытӕ ӕрсидтысты сӕ коллегӕтӕм, цӕмӕй аиуварс кӕной сӕ хисӕрмагонд амбицитӕ ӕмӕ схъӕлӕс кӕной бюджетмӕ ивындзинӕдтыл.

Хуссар Ирыстоны коронавирусӕй рынчынты нымӕц фылдӕр кӕнын райдыдта 15 сентябры Уӕрӕсеимӕ арӕны баконды фӕстӕ. Уый размӕ республикӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ рацыдаиккой ӕнӕмӕнг дыууӕкъуырион карантин. Ацы мадзалы руаджы Хуссар Ирыстоны фондз мӕймӕ сбӕрӕг кодтой ӕрмӕстдӕр 90 рынчыны коронавирусӕй. Карантины фӕстӕ республикӕйы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1,3 мин рынчынӕй фылдӕр, 20 адӕймаджы амардысты.