Цхинвалы мыхуыры рацыд ӕрмдӕсны Гӕбӕраты Юрийы фотоальбом

Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Гӕбӕраты Юрийы хъӕдӕрмӕджы нывӕфтыды хаххыл кусы 25 азы. Йӕ куыстытӕ сты бирӕ зындгонд адӕмы коллекциты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 ноя – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы мыхуыры рацыд хъӕдӕрмӕджы ӕрмдӕсны, публицист Гӕбӕраты Юрийы фотоальбом. Чиныг рухсмӕ фӕзынд республикӕйы Мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты 2020 азы нывӕзты фӕлгӕтты, фехъусын кодта Sputnik Мыхуыры хӕдзары сӕйраг редактор Хуыгаты Анатолий.

Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналист Гӕбӕраты Юрийы хъӕдӕрмӕджы нывӕфтыды хаххыл кусы 25 азы. Йӕ куыстытӕ сты бирӕ зындгонд адӕмы коллекциты. Лӕвары хуызы сӕ ахӕссынц хицауады делегацитӕ.

"Ивгъуыд  азы мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты къамисы рабадты аскъуыддзаг кодтой Гӕбӕраты Юрийы фотоальбом рауадзын. Автор у хъӕдӕрмӕджы нывӕфтыды диссаджы дӕсны. Чиныджы цы куыстыты къамтӕ ис, уыдон фылдӕр бӕрцӕй сты Нарты кадджытӕй", - загъта Хуыгаты Анатолий.

Уый ма банысан кодта, 2020 азы рауагъдадон нывӕзты кӕй ис 11 чиныджы, уыдонӕн сӕ фылдӕр хай рухс федта, аннӕтӕ та рацӕудзысты азы кӕронмӕ.