Цхинвалы тагъд ӕххуысы сӕйраг дохтыр радзырдта куысты гуырхасты рӕзты тыххӕй

Ивгъуыд къуыри тагъд ӕххуысы службӕмӕ фыццаг хатт уыд рекордон фӕсидты, уӕд тагъд ӕххуыс ацыд 98 адресмӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы тагъд ӕххуысы службӕмӕ рбадзырдты нымӕц нӕ къаддӕр кӕны. Службӕмӕ фӕсидты нымӕц схызт рекордон нымӕцмӕ - иу суткӕйы тагъд ӕххуысмӕ сидтысты сӕдӕ хатты, фехъусын кодта Sputnik тагъд ӕххуысы службӕйы сӕйраг дохтыр Хъуылымбегты Эмзар.

Югосетпотребнадзоры радзырдтой ног рынчынтӕ ӕмӕ чи сдзӕбӕх ис, уыдон тыххӕй

"Ивгъуыд къуыри нӕм фыццаг хатт уыд рекордон фӕсидты - тагъд ӕххуыс ацыд 98 адресмӕ. Ацы уавӕр цалдӕр хатт сфӕлхат ис уый фӕстӕ бонты дӕр. Ӕндӕрӕбон тагъд ӕххуысмӕ фӕдзырдтой ӕрмӕст 73 хатты, фӕлӕ та знон сӕ нымӕц схызт 88-мӕ", - загъта дохтыр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕ кусджыты хсӕн бирӕ ис рынчынтӕ.

"Цыппар бригадӕ кусынц ӕдзух, сӕ нымӕцы сывӕллӕты къорд. Медиктӕ радгӕс кӕнынц дыгай суткӕтӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ кусджытӕй бирӕ ис рынчынтӕ", - бафтыдта уый.

Хуссар Ирыстоны арӕны баконды фӕстӕ зынгӕ фӕфылдӕр сты коронавирусӕй рынчынты нымӕц. Санитарон службӕтӕ ӕрвылбон хъусын кӕнынц дӕсгай ног рынтынты тыххӕй.