Цхинвайлаг зарӕггӕнӕг Джиоты Любайӕн Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн хисӕрмагонд концерт

Концерт ацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы 22 ноябры Джиоты мыггаджы фонды ӕххуысӕй, мадзалы фылдӕр бӕрцӕй айзӕлдзысты зарджытӕ ирон ӕвзагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг, вокалон конкурс "Азар ма"-йы сӕрмагонд призы хицау Джиоты Любайӕн Дзӕуджыхъӕуы ацӕудзӕн йӕ фыццаг хисӕрмагонд концерт.

Ног ӕмӕ уарзон зарджытӕ мадӕлон ӕвзагыл: Джиоты Люба йӕ концерты тыххӕй Мӕскуыйы

"Ацы хатт та концерт ацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы. Фӕзуат нымад у 100 адӕймагыл. Мадзалы организатор - Джиоты мыггаг", - фехъусын кодта Sputnik зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг.

Уый ма банысан кодта, концерты фылдӕр бӕрцӕй кӕй айзӕлдзысты зарджытӕ ирон ӕвзагыл.

"Сӕххӕст кӕндзӕн ирон, уырысаг ӕмӕ англисаг ӕвзӕгтыл, фӕлӕ фылдӕр бӕрцӕй мадӕлон ӕвзагыл зарджытӕ", - бафтыдта Люба.

Концерт ацӕудзӕн 22 ноябры, ресторан Chalet - ы.