ЦХИНВАЛ, 16 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри ӕрцыд фондз фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ). Авариты фӕстиуӕгӕн амард иу адӕймаг, дыууӕ адӕймаджы та райстой буары цӕфтӕ, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Мӕлӕтдзаг фӕндагон-транспортон цау ӕрцыд Цхинвал - Знауыр фӕндагыл 11 ноябры. ВАЗ-2114 хӕдтулгӕйы шофыр, Дзагъинайы 26-аздзыд цӕрӕг, рахызт ныхмӕлӕуджыты фӕндагон хаххмӕ ӕмӕ сӕмбӕлд Lada Granta хӕдтулгӕйыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Цауы фӕстиуӕгӕн республикон бирӕпрофилон медицинон центрмӕ бакодтой ВАЗ-2114 хӕдтулгӕйы пассажир, Дзагъинайы 51-аздзыд цӕрӕджы. Буары цӕфты фӕстиуӕгӕн нӕлгоймаг амард рынчындоны 12 ноябры.
Иу къуыримӕ республикӕйы территорийыл ӕрцыд дыууӕ фыдракӕнды, дыууӕтӕ дӕр раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы.
Афтӕ ма ивгъуыд къуыри Паддзахадолн автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 136 фӕткхалды. Ӕртӕ шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.