"Тох ахицӕн тагъд": Тыбылты Алик фӕуӕлахиз боксы изӕры Краснодары

Ирон боксер Тыбылты Алик йӕ радон уӕлахиз ӕрхаста боксы изӕр "SKV Boxing"-ӕй Краснодарӕй. Уый рамюылдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы Санкт-Петербургӕй Александр Салтыковы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 17 ноя – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссарирыстойнаг боксер Тыбылты Алик рамбылдта боксы изӕры Краснодары - йӕ ныхмӕлӕууӕджы Санкт-Петербургӕй Александр  Салтыковы уый уайтагъд фыццаг раунды арвыста техникон нокауты. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта спортсмен йӕхӕдӕг.

"Цӕттӕ дӕн ирд тох ауадзынмӕ": ирон боксер Тыбылты Алик ногӕй рахиздзӕн рингмӕ

"Тох ахицӕн тагъд, уымӕн ӕмӕ йын фыццаг раунды ӕмбисы ныццавтон йӕ игӕр. Уый фӕстӕ мӕ ныхмӕлӕууӕг сыстад, фӕлӕ та раунды кӕронмӕ йӕ бон нал бацис адарддӕр кӕнын тох", - радзырдта Тыбылты Алик.

Уый бафтыдта, ныр та йӕхи кӕй цӕттӕ кӕндзӕн боксы изӕрмӕ "Shamo boxing", кӕцы ацӕудзӕн 18 декабры Уӕрӕсейы Федерацийы сӕйраг горӕты. Йӕ ныхмӕлӕууӕг нырма бӕрӕг нӕу.

Тыбылты Алик архайы 63 килограммы уӕзы категорийы. Ӕвзонг спортсмен ауагъта авд тохы ӕнӕ фембылдтӕй. Боксер тренировкӕ кӕны Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын.