Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты уаргъы ӕрбаласты проблемӕйыл ӕрдзырдтой Мӕскуыйы

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий ацыд Уӕрӕсейы столицӕмӕ кусӕгон балцы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 18 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕрдзырдта Мӕскуыйы уӕрӕсейаг-хуссарирыстойнаг арӕны уылты уаргъы ӕрбаласты фарстытыл, хъусын кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

Хуссар Иры хицауады делегации ис кусӕгон балцы Мӕскуыйы

Проблемон фарстытыл, кӕцытӕ баст сты таможнӕйон пост Дӕллаг Зӕрӕмӕджы уылты уаргъы ӕрбаластимӕ, дзырд цыд фембӕлды рӕстӕджы УФ экономикон райрӕзты министрады. Хуссарирыстойнаг фарсӕй фембӕлды хайад райстой премьер-министры хӕстӕ ӕххӕтгӕнӕг Бекъойты Геннадий ӕмӕ таможнӕйон комитеты сӕрдар Цхуырбаты Мурӕт, уӕрӕсейаг фарсӕй та – экономикон райрӕзты министры хӕдивӕг Михаил Бабич ӕмӕ Федералон Таможнӕйон службӕйы хистӕры хӕдивӕг Владимир Ивин.

"Фембӕлды рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой Уӕрӕсеимӕ арӕны уылты уаргъы ӕрбаласты фӕдыл проблемон фарстыты "фӕндагон картӕ", - фехъусын кодта Гасситы Дина.

Хуссар Ирыстоны президент ацыд Мӕскуымӕ кусӕгон балцы ацы къуыри. УФ столицӕмӕ кусӕгон балцы ацыд Хуссар Ирыстоны хицауады делегаци дӕр премьер-министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бекъойты Геннадийы сӕргълӕудӕй.