Дзӕуджыхъӕуы ссардтой фесӕфӕг ӕнахъом чызджы

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕн чызг радзырдта, хӕдзарӕй йӕ ацыды аххосаг кӕй уыд йӕ ныййарджытимӕ хыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Полицийы кусджытӕ ссардтой Цӕгат Ирыстоны фесӕфӕг ӕнахъом чызджы, хъусын кӕны регионы МХМ пресс-службӕ.

Дзӕуджыхъӕуы цӕрӕг Гӕлӕуты Эллина дыццӕджы райсомӕй ацыд ахуырмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ нал ӕрбаздӕхт. Барадхъахъхъӕнджытӕ ӕвӕстиатӕй ӕрӕвнӕлдтой ӕнахъом чызджы агурынмӕ.

"Фесӕфӕг 16-аздзыд чызджы бӕрӕггӕнӕнтӕ лӕвӕрд ӕрцыдысты полицийы алы хайадмӕ, афтӕ ма ДИФ дӕр. Райсгӕ мадзӕлтты фӕрцы скъоладзауы ссардтой горӕты кӕлӕддзаг бӕстыхӕйттӕй иуы", - радзырдтой пресс-службӕйы.

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕн чызг радзырдта, хӕдзарӕй йӕ ацыды аххосаг кӕй уыд йӕ ныййарджытимӕ хыл.