Хуссар Иры транспортон управлени аивта йӕ куысты график пандемийы тыххӕй

Транспортон управленийы минӕвар ма радзырдта, чысыл ивындзинæдтæ хаст кӕй æрцыдис куыд горӕтон, афтӕ районон транспортты графикмæ дæр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Автомобилон транспортон управлени аивта йӕ куысты график пандемийы тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik уагдоны минӕвар Гасситы Æхсар.

Уый банысан кодта, чысыл ивындзинæдтæ хаст кӕй æрцыдис куыд горӕтон, афтӕ районон транспортты графикмæ дæр.

"Дзауы район йедтæмæ иннæ районтæм нырмæ дæр куыд цыдысты, афтæ цæуынц рейстæ. Дзауы районмæ та фæкъаддæр кодтам дыууæ рейсы. Бæлццæтты нымæц фæкъаддæр ис - студенттæ нæ цæуынц сæ ахуырмæ, æхгæд сты скъолатæ, æхсæнадон уагдæттæ дæр раздæры режимыл нæ кусынц, æмæ адæм бирæ хатт нæ вæййы. Сæхи хизынц æмæ уадиссаг нæ цæуынц æдтæмæ", - банысан кодта управленийы кусæг.
Коронавирусы пандеми къуылымпы кӕны Хуссар Иры паспортон-визæйон службæйы куыст - МХМ

Ныр Дзауæй, бафтыдта уый, рейсон автобустæ фæцæуынц райсомы 8, 11, 15 æмæ 17 сахаттыл. Цхинвалæй та - 9, 14, 16 æмæ фæстаг та 18 сахатыл.

"Цы рейстæ фæкъаддæр кодтам, уыдон адæмыл æппындæр нæ бандæвтой, фаг сын у транспорт", - банысан кодта Гасситы Ӕхсар.

Транспортон управленийы минӕвар ма радзырдта, зӕгъгӕ, коронавирусæй хи бахизыны тыххæй Цхинвалы дæр бæрæг фæкъаддæр сты бæлццæтты нымæц дæр æмæ рейсытæ дæр. Раздæр кæд горæты микрорайонтæм улæфт бонты æрвыст цыдис дыууæ транспортон фæрæзы, уæд ныр та æрмæстдæр иу.