Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 25 ног рынчыны

Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 372-мӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой сӕдӕйӕ фылдӕр тесты коронавирусы фӕдыл, уыдонӕй 25 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гаглойты Анна.

Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг радзырдта коронавирусӕй рынчынкӕнынады динамикӕйы тыххӕй

"Ивгъуыд суткӕйы сарӕзтӕуыд 130 тесты, уыдонӕй 25 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - загъта Гаглойты Анна.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1650 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 372 адӕймаджы сӕнӕниз сты.

Пандемийы рӕстӕджы Югосетпотребнадзоры лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 9 минӕй фылдӕр иртӕсты.