Цхинвалы афтектӕ барвыстой "сырх зонӕйы" кусджытӕн гуманитарон ӕххуыс

Акцийы хайад райстой Цхинвалы 24 афтекы. Уыдон бадӕттой "сырх зонӕмӕ" хъахъхъӕнӕн костюмтӕ, респиратортӕ ӕмӕ штативтӕ капельницатӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы хисӕрмагонд афтектӕ цыппӕрӕмы бадӕттой "сырх зонӕйы" кусджытӕн сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта республикон соматикон рынчындоны кардиологийы хайады хистӕр Хъороты Светлана.

"Радтой нын хъахъхъӕнӕн костюмтӕ, 500 респираторы ӕмӕ 10 штативы капельницатӕн", - загъта Хъороты Светлана.

Хӕрзаудӕн акцийы хайад райстой республикӕйы 24 афтекы.

Хуссар Ирыстоны сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 25 ног рынчыны

"Акцийы хайад истой сӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ. Мах никӕй хӕсджын кодтам", - банысан кодта дохтыр.

Хъороты Светланайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕмӕнгхъӕугӕ фӕрӕзты номхыгъд райстой дохтыртӕй. Уый банысан кодта, медиктӕн кӕй уыд ӕрмӕст хъахъхъӕнӕн фӕрӕзты цухдзинад.

Хуссар Ирыстоны пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1650 фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй 372 адӕймаджы сӕнӕниз сты.