Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг радзырдта коронавирусӕй рынчынкӕнынады динамикӕйы тыххӕй

Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина радзырдта ДИФ минӕвӕрттӕн, кӕд фӕкъаддӕр уыдзӕн коронавирусон инфекцийы эпидеми ӕмӕ кӕд сисдзысты арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны чысыл фӕхуыздӕр эпидемиологон уавӕр, фӕлӕ арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ сисынӕн нырма раджы у, фехъусын кодта журналисттӕн республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Югосетпотребнадзоры радзырдтой коронавирусӕй ног рынчынты фӕкъаддӕры тыххӕй

"Нырма ӕрӕджы рынчынкӕнынады коэффициент уыд бӕрзонд. Дыууӕ-ӕртӕ къуырийы размӕ коэффициент уыд 4-5. Уый фӕдыл ист ӕрцыдысты уӕлӕмхасӕн арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ уый фӕстӕ адарддӕр кодтой 15 декабры онг", - банысан кодта Коцты Марина.

Абоны бон, сӕйраг санитарон дохтыры ныхӕстӕм гӕсгӕ, рынчынкӕнынады коэффициент у 0,4.

"Арӕнӕвӕрдолн мадзӕлттӕ исын цӕмӕй райдайой, уый тыххӕй вирусы апарахаты коэффициент хъуамӕ ма хиза 1,0-ӕй, медицинон уагдӕтты та хуыссӕн бынӕттӕй хъуамӕ сӕрибар уа 50 проценты. Ӕвӕрццаг динамикӕмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, нырма хъӕуы ӕххӕст кӕнын дезинфекцион ӕмӕ санитарон-гигиенон мадзӕлттӕ, кӕцытӕ фыст сты нормативон документты", - бафтыдта Коцты Марина.

Афтӕ ма уый радзырдта, ацы аз мартӕй фӕстӕмӕ Югосетпотребнадзоры лабораторийы кӕй сарӕзтой дӕс мин басгӕрсты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Диссаджы хъарм ахаст: Цхинвалы цӕрӕг уӕрӕсейаг ковид-госпиталы хоскӕнынады тыххӕй

Коцты Марина ма радзырдта, коронавирусӕй ӕмхуызон кӕй рынчын кӕнынц куыд нӕлгоймӕгтӕ, афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр.

"Нӕлгоймӕгты хсӕн рынчынкӕнынад у 44 проценты, сылгоймӕгтӕ та 56 проценты. Рынчынты фылдӕр хай ис горӕты, уымӕн ӕмӕ ам фылдӕр адӕм ис ӕмӕ медицинон уагдӕттӕм дӕр фылдӕр адӕм бадзурынц", - банысан кодта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг.

Афтӕ ма гӕнӕн ис банысан кӕнын, коронавирусӕй рынчынтӕй 5% сты 17 азы кары онг сывӕллӕттӕ, 11% сты 18-29 азы кары цӕрджытӕ, 43% - 30-49 азы кары ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ 17 проценты та сты 50-64 азы кары.

Уагдоны сӕргълӕууӕг та ногӕй фехъусын кодлта, кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын социалон дистанци, маскӕйон режим ӕмӕ уадзын гигиенон мадзӕлттӕ.

Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр ӕрсидт республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй ма организаци кӕной массон бӕрӕгбонтӕ, ӕмӕ уымӕй фӕкъаддӕр кӕной коронавирусы апарахаты тас.