ЦХИНВАЛ, 24 ноя – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Борджнисы хъӕуы сног кодтой фыдӕлты куырой, фехъусын кодта хъӕуӕй рацӕугӕ, ӕхсӕнадон архайӕг Бететы Юрий.
Ирон адӕмы фыдæлты рагæй фæстæмæ фæндаг нæмын кæдæм хъуыдис, уыцы бынæттæй сæ иу уыдис куырой. Уымæ афæдзы кæцыфæнды афон дæр цыдысты æмæ дзы ссадтой алыгъуызон нæмыгон культурæтæ.
"Борджнисы хъæуы бынмæ цы цæугæдон уыдис, уым арæзт уыдис куырой. Фæлæ æндæр хъæуты цæрджытау Борджнисы адӕм дæр куы скадавар сты, куы фæлыгъдысты æндæр æмæ æндæр рæттæм цæрынмæ, уæд раууатмæ æрцыдис сӕ куырой дæр. Æмæ ныр иугæр хъæубæстæй чидæртæ æрбазхдæхтысты, аразынц сæ хæдзæрттæ, уæд сфæнд кодтам нæ куырой дæр фæстæмæ йæхи рагон бынаты саразын æмæ йæ сарæзтам. Уымæн æмæ куырой дæр у хъæубæсты цæрджыты æвдисæндар", - радзырдта Бететы Юрий.
Уый банысан кодта, цы æндæр æмæ æндæр хуыз куырæйттæ ис, уыдонæй ирон хæххон лæг сæйраджыдæр кӕй пайда кодта доныл арæзт куырæйттæй. Цæугæдон та алы хъæумæ хæстæг нæ цыдис, уæлдайдæр та бæрзонд хæххон хъæуты, уымæ гæсгæ сæ фылдæр хатт цæуын хъуыдис бынæй кæмдæр хæххон цæугæдоныл кæй арæзтой, уыцы куырæйттæм.
Сæ куырой та ногæй кæй скусдзæнис, уымæй райгондæй баззадысты, Борджнисы ма цы бæрцыл цæрджытæ баззадысты, уыдон.
Хъæуы ацæргæ адæм куыд дзырдтой, афтæмæй куыроймæ фæндаг æхгæд никуы уыд, зымæджы карз уазæлтты дæттæ ма ныссалдаиккой, ма ныих уыдаиккой, уымæй дарддæр. Дон иу ивылд куы уыд, уæд куырой уыцы доныл æгасæйдæр нæ арæзтой, фæхицæн-иу дзы кодтой, цас хъуыдис, уыйбæрц дон.
Ссыны процесс тагъд нæ цыдис. Цъус ссинагмæ дæр æнхъæлмæ кæсын хъуыд бирæ рæстæджы æмæ-иу æхсæв дæр сбон кодтой. Ссгæ та-иу кодтой, сæйраджыдæр, сæхæдæг кæй тыдтой, уыцы мæнæу, сысджы, нартхор æмæ æндæр хуыз нæмыгон культурæты.
Куыройæн ахсджиаг нысаниуæг кæй уыдис адæмы царды, уымæ гæсгæ сæ арæзтой фыдыфыртгай, гъе та хъæугай. Куырой арæзтой куыд дурæй, афтæ хъæдæй дæр. Быдтой-иу сæ уистæй дæр.
Доны куырæйттæй дарддæр ма ирон адӕмы фыдæлтæ пайда кодтой къухы куырæйттæй дæр, фæлæ сæ ахадындзинад бирæ нæ уыдис. Ссадтой дзы, йæ бæрц цъус кæмæн уыд æмæ сæ тагъдыл чи хъуыд, ахæм ссинаг, стæй ма-иу сæ пайда кодтой, доны куырæйттæ-иу зымӕгон куы ныссалдысты, уæддæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй къухы куырой фæзындис доны куыройæ раздæр.
Афтæ æнусы дæргъы куырой ирон адæмæн лæггад кодта æмæ абон дæр кæд ссад цæттæйæ исæм, дзул магазины æлхæнæм, уæддæр йæ нысаниуæг нæма фесæфта.