Сочийы диаспорӕ балхӕдта Хуссар Иры рынчындӕттӕн хостӕ коронавирусӕй рынчынтӕн

Цхинвалмӕ дарддӕр ласынц хостӕ коронвирусон инфекцийӕн хос кӕнынӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 ноя - Sputnik. Сочийы диаспорӕйы сӕргълӕууӕг балхӕдта хостӕ коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тох кӕнынӕн. Дыццӕджы сӕ ратдзысты медицинон кусджытӕн, хъусын кӕны республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры райдиан скъола ӕрӕвнӕлдта ахуырмӕ карантины фӕстӕ

Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий бадзырдта ирон диаспорӕтӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕм, цӕмӕй баххуыс кӕной Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн.

"Абон, 24 ноябры, Дзӕуджыхъӕуы Хуссар Ирыстоны консулон агентады сӕргълӕууӕг Санахъоты Морис бахаста Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадмӕ хостӕ, кӕцытӕ йӕхи фӕрӕзтӕй балхӕдта Сочийы диаспорӕйы разамонӕг Мӕргъиты Анатолий", - дзырдӕуы ФХМ хъусинаджы.

Хостӕ ратдзысты республикӕйы медицинон уагдӕттӕн.

Хуссар Ирыстоны пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой коронавирусӕй 1,8 минмӕ ӕввахс фӕрынчынуӕвӕджы, уыдонӕй сӕнӕниз сты 570 пациенты. Республикӕйы 15 декабры онг ис арӕнӕвӕрдон мадзӕлттӕ, ӕхгӕд сты ахуырадон уагдӕттӕ, тобӕ сӕвӕрдтой массон мадзӕлттӕ уадзыныл.